Адæмон кафты ансамбль «Артар» райста Гран-при æппæтадæмон æркасты
Адæмон кафты ансамбль «Артар» райста Гран-при æппæтадæмон æркасты
Хуыздæрты 'хсæн! Адæмон кафты ансамбль «Артар» радон хатт сси уæлахиздзау. Æвзонг фæсивæды фыццæгтыл банымадтой æппæтадæмон æркаст «Уæрæсейы чемпионтæ»-йы. Мадзал ацыд Мæскуыйы. Уæлахиздзау суæвын фæндыд бæстæйы алы регионты къордты. Уыимæ ма Сомихы æмæ Азербайджаны минæвæртты. Ирыстойнаг кафджытæ рамбылдтой цы номинациты архайдтой, уыдон се 'ппæт дæр. Уæнгты аив æмæ раст змæлд. Кавказаг кафты рæсугъддзинад чызджытæ æвдисынц æххæстæй. Лæппуты зæрдæйы уаг та — сæрæн æмæ тыхджын партиты. 500 курдиаты ахуыр кæнынц кафты сусæгдзинæдтæ базоныныл, уыимæ кæрæдзийы алы фезмæлд æмбырыныл. Ансамбль равзæрд аст азы размæ. Уыцы æмгъуыдмæ сæ къухы чысыл нæ бафтыд. Иу æркастæй дæр æнæ сызгъæрин майдантæй не здæхынц. Уый та уымæн æмæ бæстонæй сæхиуыл кусынц, тырнынц фыццæгты æмрæнхъ æрлæууынмæ. Æвзонг фæсивæд æрæджы æппæтадæмон конкурс «Чемпионы России»-йы рамбылдтой гран-при. Æркаст ацыд Мæскуыйы. Дæсгай коллективтæ нæ бæстæйæ, уыимæ Абхази æмæ Сомихæй. Фæлæ ирыстойнаг кафджытæ разындысты хуыздæр. Кавказы адæмыхаттыты 6 кафты æмæ 6 фыццаг бынаты. Ахæм æнтыстдзинадмæ «Артар»-ы сæхи цæттæ кодтой æртæ мæйы. Уæд ма «Артар» бæстæйы сæйраг горæты аивадуарзджыты зæрдæтæ балхæдта концертæй. Æртæ сахаты бæрц программæ æмæ 22 кавказаг кафты. Мæскуыйы цæрджытæ ахæм равдыст рагæй нæ федтой. Ирон, аджайраг, азербайджанаг æмæ æндæр кæфтытæ. Фæсивæды стырдæр лæвар уыд аивадуарзджыты тыхджын къухæмдзæгъд. Къорды архайджытæ ныр иу мæй уыдзæн фæлладуадзæн рæстæг. Июны кæрон та «Артар» нæ регион кад хъахъхъæндзæн Турчы. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хатт дæр сæ тыхтæ нæ бавгъау кæндзысты.