Ног гæнæнтæ
Цæгат Ирыстон архайы æппæтдунеон равдыст «Аrabia-EXPO 2019»-йы. Сарæзтой йæ Мæскуыйы. Кадджын мадзалы архайдта нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Равдыст «Аrabia-EXPO 2019» æрымбырд кодта 22 арабаг бæстæйы æмæ Уæрæсейы 85 регионы минæвæртты. Цæгат Ирыстон бацæттæ кодта экпозиции. Уым равдыста нæ экономикæйы гæнæнтæ . Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ Цæгат Каваказы хъуыддæгты фæдыл стенды равдыстой салд ирон чъиритæ, минералон дæттæ æмæ къуымбилæй конд дзаумæттæ. Форумы сæйраг нысан экономикæйы райрæзтыл бацархайын. Уымæй уæлдай ма арабаг бæстæты куыстуæттимæ æмгуыст кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног гæнæнтæ
Категория:
Новости и СМИ