Владимир Путины фæсидт
Владимир Путины фæсидт
Владимир Путин дысон фæсидт бæстæйы цæрджытæм. Президент бузныг загъта уæрæсейæгтæн, уды фидардзинад, иудзинад æмæ патриотизм кæй равдыстой, уый тыххæй. Ахæм граждайнаг æмзонддзинад хъæддых фæлæудзæн цыфæнды фæлитой миты ныхмæ, нæ бауадздзæн бæстæйы цæрджыты 'хсæн хæлар ахастдзинæдтæ фехалын. Ацы цауты райдианæй æвæстиатæй хаст æрцыдысты раст уынаффæтæ, цæмæй тæссаг уавæр аиуварс кæнын бантыса, фыццаджыдæр, цæрджыты цард æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн.