Республикæйы скъолаты хæрæндæтты менюмæ бахастой чъиритæ
Ирон чъиритæ ныр фæзынд скъолаты дæр. Национ хæринаг баххæст кодта ахуырадон уагдæтты меню. Зæгъын хъæуы уый, æмæ хойрæгты комбинаты минæвæрттæ ацы хъуыддагмæ биноныгæй æркастысты, байхъуыстой сывæллæтты æмæ ныййарджыты хъуыдытæм дæр. Ирон чъиритæй уæлдай-ма дзы фæзындзæн æндæр хæринæгтæ дæр.