Ног къæпхæнтæм
Нæ республикæйы 3 скъолайы бахаудысты Цæгат Кавказы Федералон Зылды 20 хуыздæрты номхыгъдмæ. Се`хсæн 3-аг бынат бацахста – Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназ. Астæуккаг хи скъола та 13-æм. Номхыгъдмæ бахауд горæты 7-æм скъола дæр. Цæгат Кавказы хуыздæр скъолаты номхыгд сарæзта агентад «Рикс». Афæлæгæсыд алы федералон зылдыл дæр. Нымадтой Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм уыцы скъолатæй цал рауагъдоны бацыд, уый. Цы 3-æ скъолайы ранымадтам, уыдон банымадтой нæ республикæйы раззагдæртыл. Сæ рауагъдонтæ алы аз дæр свæййынц бæстæйы хуыздæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. Ацы хабары тыххæй ма уын раздæр дæр хъусын кодтам. Ныр ыл нæ уацхæсджытæ бæлвырддæрæй бакуыстой. Ме `мкусæг Къумæлæгкаты Фатимæ бабæрæг кодта скъолатæ æмæ аныхас кодта куыд ахуырдзаутимæ, афтæ ахуыргæнджытимæ. Се`нтыстдзинæдты тыххæй йæ дарддæры æрмæг. 1994 азы Дзæуджыхъæуы байгом фыццаг æнæ паддзахадон астæуккаг скъола. Уæдæй абонмæ ахуыргæнджытæ æххуыс кæнынц сывæллæттæн царды сæ бынат ссарынæн. Æрхæццæ кæнынц фæлварæнтæ. Скъоладзаутæй бирæтæ равзæрстой Уæлдæр Ахуыргæнæндæттæ Уæрæсейы æндæр регионты. Фæстаг азты фæсивæд фылдæр тырнын райдыдтой æндæр горæттæм. Дзæуджыхъæуы æнæпаддзахадон скъолайы ахуырдзау Отараты Кристинæ: «Мæн фæнды исты стыр горæтмæ ацæуын. Фадæттæ фылдæр кæм уа, ахæммæ. Журналисты куст равзæрстон. Мæнмæ гæсгæ тынг цымыдиссаг у. Йе руаджы мæ бон уыдзæн фæсарæнтыл дæр зилын». Уæрæсейы алыхуызæн институттæй дарддæр ма, фæстаг рæстæг бирæ скъоладзаутæ сæ гæххæтытæ æрвитынц фæсарæнтæм дæр. Болиты Данæ æмæ Аминæ сæхи цæттæ кæнынц Израильмæ. Уым чызытæ ахуыр кæндзысты медицинон институты. Сæ ахуырадæн сæвæрттой сæйраг нысан. Скъоладзаутæ се ргом иннæ горæттæм кæй сарæзтой,уый мæты æфтауы ахуыргæнæндæтты разамонджыты. Уымæн æмæ арæхдæр æндæр горæтмæ чи ацæуы, уый фæстæмæ нал æрæздæхы. Дзæуджыхъæуы 7 скъолайы рауагъдонтæ Уæрæсейы уæлдæр ахуырдæттæм фылдæр кæй бахауынц, уыдоны номхыгъды дзæгъæлы не`сты. Йæ алы рауагъды дæр сæ фылдæр хай ацæуынц æндæр горæттæм. Ацы аз дæр та афтæ рауад. Сæйраг аххосæгтæй ма иу у – Скъоладзаутæ цы дæсныйад равзарын фæнды, уый нæ республикæйы сæ бон расын кæй нæ вæййы. Фæлæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æнæ студенттæй баззадысты, афтæ зæгъæн дæр нæй. Рауагъдонтæ арæхдæр равзарынц юриспруденци, медицинæ æмæ экономикæ. Уыцы фадыгтæм алы аз дæр вæййы бирæ абитуриенттæ. Æрбахæццæ кæнынц иугонд паддзахадон фæлварæнтæ. Скъоладзаутæ сæ царды фæндаг равзæрстой. Дарддæр сæм æнхъæлмæ кæсы студентты даргъ æмæ цымыдиссаг цард. Æмæ чи куыд сарæхсдзæн, уый уыдзæн бæрæг фæстæдæр. Ныр та уал сывæллæтты стырдæр мæт у фæлварæнтæ хорз раттын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног къæпхæнтæм
Категория:
Новости и СМИ