Цæгат Ирыстоны ногæй сараздзысты симпозиум «Аланика»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны стыр культурон цауыл нымад чи уыд, уыцы симпозиум «Аланика», та ногæй цæудзæн Дзæуджыхъæуы 15-æм августæй 30-æм сентябрмæ. Цæгат Ирыстонмæ æрæмбырд уыдзысты дунейы алы бæстæты минæвæрттæ. Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты Уæрæсе, Азербайджан, Украинæ æмæ Литвайæ. Уый тыххæй фехъусын кодта симпозиумы амидингæнджытæй иу Тебиаты Галинæ. Культурон цауы архайдзысты 20 авторæй фылдæр; Мæскуы, Новосибирск, Махачкала, Пермь, Воронеж, Налцыкк, Грозна æмæ æндæр горæттæй. Аланикæйы фенæн уыдзæн цымыдисаг æмæ æнахуыр проекттæ. Уыдзысты алы жанрты конд: къам, видеоæрмæг, кафт, скульптурæ, алфамблай фæзуат аивгæнæн проект æмæ алыхуызон инсталляцитæ. Симпозиумы ахадындзинад дæр егъау у. Йæ архайджытæн сæ бон сæххæст кæнын у сæ проекттæ, кæнæ та ногтæ `рхъуыды кæнын. Уымæй уæлдай ма сын фадат уыдзæн дунейы зындгонд аивадон архайджытимæ фембæлынæн æмæ сын сæ фæлтæрдзинад базонынæн. Бæрæгæгонд куыд уыд, афтæмæй азæй-азмæ симпозиумы архайджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæны. Ацы хатт ма йæм бахæсдзысты, адæмы дисы чи `фтаудзæн, ахæм мадзæлттæ дæр. Зæгъæм, рухсытимæ куыд архайы, уый равдисдзæн Заур Цугаев Грознайæ, хъæдæрмæгæй конд дзауматæ адæмы рæгъмæ рахæсдзæн Бакуйаг Фарид Расулов, æфсæйнагæй нывæфтыдтæ та - Алла Урбан Мæскуыйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ногæй сараздзысты симпозиум «Аланика»

Категория:

Новости и СМИ