Фарæстæм къласы ахуырдзаутæ бацархайдзысты сæйраг паддзахадон фæлварæны
Фарæстæм къласы ахуырдзаутæ бацархайдзысты сæйраг паддзахадон фæлварæны. Æдæппæтæй 7 мин æмæ 290 адæймаджы. Цавæр предметтæй ратдзысты фæлварæнтæ уый дæр сбæрæг кодтой. Йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у æмæ æхгæд сæрмагонд ахуырадон-хъомыладон ахуыргæнæндæтты чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæн та ис фадат сæйраг паддзахадон фæлварæн сæрмагонд хуызмæ гæсгæ раттын. Æдæппæтæй дзы спайда кæндзысты 89 адæймаджы. 9-æм къласонты фылдæр хай регистрацигонд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы. Æдæппæтæй 2 мин æмæ 205 адæймаджы. Æппæты къаддæр рауагъдонтæ нысаногд сты Æрæфы районы – 127 адæймаджы. Цæмæй 9 кълæсты ахуырдзаутæ ахуыры тыххæй æвдисæндар райсой, уый тыххæй сæ раттын хъæуы 4 фæлварæны. Уыдонæй дыууæ сты æнæмæнг – уырыссаг æвзаг æмæ математикæ. Дыууæ та сæ хъæуы равзарын. Ацы аз æппæты арæхдæр æвзарынц бæстæзонынад, географи,биологи, информатикæ æмæ хими. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 9 къласы рауагъдонтæ сæйраг фæлварæн дæтдзысты 22-æм майæ 30 июнмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фарæстæм къласы ахуырдзаутæ бацархайдзысты сæйраг паддзахадон фæлварæны
Категория:
Новости и СМИ