Скъола-интернат «Надежда»-йы фæзынд ног хъæрмуат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Скъола- интернат «Надежда»-йы хъомылгæнинæгтæ зымæг дæр æнæ халсар нæ вæййынц. Уыдон сæ зайын кæнынц хи хъаруйæ. Гом арвы бын ис дыууæ цæхæрадоны. Ныр ма сæм фæзынд хъæрмуат дæр. Зæххимæ раст кусын дæр зонынц. Хæдзар-интернатæн хъæугæ æххуыс бакодта компани «РусГидро». Годжыцаты Мурат кæд нырма сывæллон у, уæддæр ныридæгæн зоны бæласы талатæ æмæ халсартæ раст куыд садзын хъæуы уый. Сæйрагдæр та æмбары тыхæвнæлд нæ, фæлæ арæхсгай алы талаимæ дæр кæй хъæуы архайын, уый. Цалдæр азы йæхи ахуыр кæны зæххы куыстыл; садзын æмæ дон пырх кæнын. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын æвзæр нæ уайы. Скъола-интернат «Надежда» -йы хъомылгæнинæгты ахуыр кæнынц цæхæрадоны кусын. Амонынц сын зæххимæ куысты сусæгдзинæдтæ. Сæ фæллойы фæрцы сабитæн бантыст сæмбырд кæнын халсарты тыллæг. Интернаты ис дыууæ гом цæхæрадоны. Ныр ма сæм фæзынд хъæрмуат дæр. Сæ бон кусын у зымæгон дæр. Хъæрмуат байгом кодтой «РусГидро»-йы хæрзаудæн программæйы фæлгæты. Æхххæст æй кæнынц Уæрæсейы æппæт регионты дæр. Скъола-интернат «Надежда» -йæн компани «РусГидро» æххуыс кæны арæх. Интернаты уæлдай æргом здахынц хъомылгæнинæгты алывæрсыг райрæзтмæ. Сабиты ахуыр кæнынц алы дæныйæдтыл. Уый та туымæн, цæмæй сæ фидæны алчи дæр йæ фæндаг ссара æмæ куыстыл хæст уа. Хъæрмуаты сывæллæттæ сæхи фæлварын нырма æрæджы райдыдтой. Бæлæсты талатæ садзыны кæнынц фыццаг къахдзæфтæ. Зæрдæ дарынц сæ куыстæ рæхджы зæрдæ кæй райдзæн, умæй. Фæнды сæ сæмбырд кæнын хъæздыг тыллæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Скъола-интернат «Надежда»-йы фæзынд ног хъæрмуат

Категория:

Новости и СМИ