Мыггаджы фембæлд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Турчы цæрæг ирæттæн бæрæгбон ацаразын æхсынæн акъæрц кæнынæй уæлдай нæу. Афтæ та ныр дæр Стамбулы кæрæдзийы фенынмæ æрæмбырд сты Хъуысаты мыггаджы минæвæрттæ. Сæ кæрæдзийæн ракодтой арфæтæ, хистæртæ кæстæртæн загътой ныстуаны ныхæстæ. Фæсидтысты сæм, цæмæй Хъуысаты мыггаджы кад дæлæмæ ма руадзой. Кæд фæсарæнты цæрынц, уæддæр сæ сæ ирон æгъдæуттæ рох не сты. Сæ циндзинады сарæзтой хъазт, акафыдысты дзы ирон кæфтытæ. Турчы цæрæг ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъуысаты Садреттин куыд зæгъы, афтæмæй Хъуысаты мыккаг Турчы зонынц, куыд Уырызмæгатæ. Уый та уымæн, æмæ, дам, уыцы рæстæджы Заманхъулæй Туркмæ афтыд Хъуысаты мыггаджы хистæр Уырызмæг. Уымæ гæсгæ йын йæ фæдонтæ йæ ном мыггагæн райстой. Фæлæ сæ, æцæгæй Хъуысатæ кæй сты, уый рох нæу. Æмæ сæ мыггаджы историйыл уымæн афтæ æнувыд сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мыггаджы фембæлд

Категория:

Новости и СМИ