Цæгат Ирыстоны ветеранты советы æмбырд
Хæсты хъæбатырты кад цæмæй рох ма уа, уый тыххæй æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны ветеранты советы æмбырды. Ныхасы сæйраг фарста уыди Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты 75 азы юбилемæ куыд цæттæ кæнынц, уый. Æрдзырдтой ныридæгæн сын цы бантыст, ууыл дæр. Афтæмæй, фæбæрæг кодтой 2019 азы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты куыд схорзæхджын кодтой, уый. Радзырдтой цы социалон лæггæдтæй сын æххуыс кæнынц, уый тыххæй дæр. Ветеранты советы уæнгтæ сæ куыстæн хатдзæгтæ скодтой æмæ æрдзырдтой фидæны пълæнттыл. Сæ размæ сæвæрдтой нысæнттæ, фæбæрæг кодтой тагъд рæстæджы цавæр фарстатыл кусдзысты, уый дæр. Æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны хицауады минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ æмæ «Иры Стыр ныхас»-ы уæнгтæ. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уыдон иууылдæр æнгом куыст кæнынц Ветеранты советимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ветеранты советы æмбырд
Категория:
Новости и СМИ