РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Алагиры
Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Алагиры. Бынаты федта горæты хъармдæттæн объектты рацарæзт куыд цæуы, уый. Премьер, районы разамындимæ æрныхас кодта къабазы модернизацийы фарстатыл. Алагиры хъармдæттæн системæйы куыстытæ æххæст кæнынц национ фæнрыгады фонды фæрæзты руаджы. Æдæппæтæй проектмæ бахастой 21 хъармгæнæны, уыдонæй 15 рацараздзысты бындуронæй, 6 та дзы сæхгæндзысты. Ныридæгæн Алагиры сæвæрдтой 8 хъармгæнæны, цæттæ сæ кæнынц скусынмæ. Хæстæгдæр рæстæг ма райсдзысты 7. Дзуапдæттæг министр Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтмæй хъармгæнæн рæстæгмæ 15 нырыккон объекты æркусдзысты. Дзанайты Барис ма федта дондзæуæн системæйы рацарæзт куыд цæуы уый дæр. Ныртæккæ дондзæуæн хæтæлтæ цалцæг кæнынц Фыййагдон, Суадаг, Галон, Садон æмæ донцъирæн "Лæц"-ы. Хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй район пилонтон проекты кæй архайы, уый æруаджы коммуналон инфраструктурæйы райрæзтæн æмбæлгæ фæрæзтæ райсдзæн.