Вазыгджын цау
Æмæ ма абон, æгас бæстæ дæр цы хабармæ сæ цæст дардтой, уыцы хъусынгæнинаг. Паддзахадон Думæйы абон дзырдтой пенситимæ баст реформæйыл. Нæ бæстæйы информацион агентадтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фыццаг æркасты Паддзахадон Думæ сфидар кодтой пенситæм цæуыны кар фæбæрзонддæр кæныны закъоны проект. Схъæлæс ыл кодтой депутатты фылдæр æрдæг. Закъоны проектмæ æркæсыны рæстæг адæргъвæтин кодтой мæйæ фылдæр рæстæгмæ — 18-æм августæй 24-æм сентябрьмæ. Ацы æмгъуыдмæ ист цæудзысты ивддзинæдтæ пенситæ исыны закъоны проектмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, пенсимæ рацæуыны рæстæг баивыны закъоны проект Паддзахадон Думæмæ бахастой 16-æм июны. Хицауад сæ хъæппæрис бамбарын кодтой афтæ, ома, дам, кусгæ цы адæм нæ кæнынц, уыдоны царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Вазыгджын цау
Категория:
Новости и СМИ