Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны тыххæй курдиат бадæттæн ис 1 æм февралы онг
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны тыххæй курдиат бадæттæн ис 1-æм февралы онг. Уый тыххæй хъусын кæнынц Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды службæ. Ацы азы рауагъдонтæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайыны тыххæй курдиат бадæттын сæ бон у цы ахуыргæнæндоны ахуыр кæнынц, уым. Ивгъуыд азы рауагъдонтæ та хъуамæ сæ курдиат бадæттой Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынæн сæрмагонд бынæтты. Снысан сæ кæнынц ахуырады паддзахадон разамынд чи дæтты, уыцы регионалон оргæнтæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны фæтк ныридæгæн у фидаргонд. Фенæн æй ис Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарды службæ æмæ рухстауыны министрады сайты. Фæлварæн раттæн уыдзæнис æмгъуыдæй раздæр, сæйраг, стæй уæлæмхасæн бонты. Ацы азы рауагъдонтæ Иумæйаг падззахадон фæлварæн дæтдзысты сæйраг бонты. Ивгъуыд азты рауагъдонтæ та- æмгъуыдæй раздæр. Курдиаты фæбæрæг кæнын хъæуы, цы предметтæ дæттынмæ хъавы рауагъдон, уыдон. 1-æм февралы онг алчидæр хъуамæ сбæлвырд кæна, математикæ сæйраг æви профилон хуызы дæтты, уый. Уыимæ ма, курдиаты фæбæрæг кæнын хъæуы фæсарæйнаг æвзаджы фæлварæны дыууæ къæпхæны дæр. Дзургæ æмæ фыссгæ хай. Науæд, фæлварæны бæрæггæнтæ нымад не 'рцæудзысты. «Ивгъуыд азты рауагъдонтæн бар ис Иумæйаг паддзахадон фæлварæны архайыны курдиаты, цы предметтыл сæ фæнды сæ бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæнын, уыдон дыууæ къордыл адих кæнын. Фыццаг уæлæмхасæн бонты раттын, иннæты та- сæйраг бонты уæлæмхасæн рæстæджы. Ома, кæд æртæ предметы равзæрста æмæ дзы иу цæттæ у уæлæмхасæн бонты раттын, уæд йæ курдиаты уыцы предмет фæбæрæг кæны, иннæ дыууæ та- уæлæмхасæн рæстæг. Ивгъуыд азты рауагъдонтæ се 'ппæт уый нæ зонынц», - РЦИ-Алаийы ахуырад æмæ наукæйы министрады ахуырады хæрзхъæддзинад бæрæг кæныны хайады консультант Реуазты Анжелæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны тыххæй курдиат бадæттæн ис 1 æм февралы онг
Категория:
Новости и СМИ