КВН-ы къорд «Город 313» сарæзта фæлварæн хъазт
Cценæйыл худæг, сценæйы фæстæ та - дзырдарæхстытæ. Дзæуджыхъæуы фæсивæдон галуаны залтæй иуы, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты хъæлдзæг æмæ цыргъзонд фæсивæды къорд «Город 313» сарæзта хи фæлварæн хъазт. Растдæр зæгъгæйæ та, фæсивæд сæ ног хъуыдытæ, радзырдтæ æмæ худæг цаутæ рахастой адæмы рæгъмæ. Сæ куыст кæй уарзынц, уый бæрæг у. Æрыгон цыргъзондтæ аивадуарзджытæн балæвар кодтой æхсызгон æнкъарæнтæ æмæ удæнцойдзинад. Ацы хатт дæр та къорд фæсте нæ баззад. Цымыдисаг æмæ хъæлдзæг хъазт равдыста. Адæмæн зæрдæмæдзæугæ командæ йæ программæмæ бахаста КВН-ы алыхуызон хæслæвæрдтæ. Сæ цæрдæгдзинад иртæстой цыппар номинацийы. Сæ гæнæнтæ æгæрон кæй сты, æмæ æрхæндæг адæймаджы дæр кæй схудын кæндзысты, уый та радон хатт алчидæр базыдта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
КВН-ы къорд «Город 313» сарæзта фæлварæн хъазт
Категория:
Новости и СМИ