Центрон æвзарæн къамисы бахыгътой æвзæрстыты рагагъоммæ бæрæггæнæнтæ
Уæрæсейы дарддæр хатдзæгтæ кæнынц æртæ боны æвзæрстытæн. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фыццаг бынаты ис «Иугонд Уæрæсе». Партийыл схъæлæс кодтой цæрджыты 71%. Дыккаг бынаты - Коммунистты Парти, æртыккагы та – «Справедливая Россия – За Правду» æмæ Уæрæсейы либерал-демократон парти. Республикæйы æвзæрстытæм æрбацыд цæрджыты 86%-æй фылдæр. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæуæлахиз Таймазты Артур. Æрæмбырд кодта 76%. Дарддæр Бестауты Сослан, схъæлæс ыл кодтой 5 æмæ 'рдæг проценты. Æртыккаг Дидараты Сослан - 5, 33%. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv