Беслæн. 14 азы фæстæ...

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Беслæны зындзинад дунейыл айхъуыст. Цæгат Ирыстоны чысыл горæты ном Зæххы цъарыл чи нал базыдта, ахæм нæ разындзæн. Бæргæ, йе сгуыхтыты руаджы куы уыдаид. Хъыгагæн, стыр бæллæхы тыххæй рауад. Æвирхъау теракты нæмттæ та нын баззадысты мысынæн. Худæндзастæй нæм цы къамтæй кæсынц, уыдоны цур мах дæр хъуамæ къæмдзæстыг ма кæнæм. Æмæ кæд сæ хъысмæт ахæм цардæфхæрд рауад, уæд сын æппынфæстаг сæ ном историйы фесæфын уæддæр хъуамæ ма бауадзæм. Нæ дарддæры `рмæгæй ма сын иу хатт арæм сæ рухс нæмттæ... Адæмы уынæр афæдзмæ ардыгæй райхъуысы æрмæст 3 боны. Удæгæстæ, чи нал ис, уыдонæй куы фæфылдæр вæййынц, уæд. Беслæны уæлмæрд - "Зæдты сахар". Æвæццæгæн, æппæты æрыгондæр. 14 азы йеддæм йыл нæ цæуы. Йе `нусон цæрджытæ дæр хæрзæрыгæттæ сты. Никуыуал рацæуынц сæ сахары арæнты `ддæмæ, æрмæст ма фынты цы фæзынынц, æндæр. Ацы сахар райгуырын кодта скъола. Сывæллоны худын дзы удаист дзыназынмæ раивта. Царды уæрæх фæндагыл ныфсджын къахдзæфты бæсты дзы æрбацæуæгмæ дамбацатæ сарæзтой. Æгæрон хъыг дзы æрцард ацы сыгъд къулты `хсæн, æгæрон рис æмæ хъизæмæрттæ дзы сæхицæн бынат ссардтой. Рæстæг дзы раст цыма лæугæ ныккодта, афтæ кæсы адæймагмæ. Иу сыбыртт никуыцæй цæуы, æрмæст дзы терроры дымгæ хатт нынниуы. Кæнæ та дзы райхъуысы, хæдзары дзаг сывæллæттæй чи равдæлон, уыцы ныййарджыты цъæхахст. Мингай адæймæгтæ ма хъуыды кæнынц спортзалы мидæг ист кадртæ. Террористты зыхъыр мидбылхудты зыны не `рвылбоны "кæд та нын ницы уаид", зæгъгæ, хъуыды. Нæ рауад афтæ. Хуыцау ныл йæ бæллæх авæрдта. Беслæны канд сывæллæттæ нæ фæцагъды сты, адæмæн байсыст се `ууæнк дæр. Скодтой сæ саутæ сæ уæлæ, абон дæр ма сæ зæрдæтæй чи нæма байсыст, уыцы хъыджы нысан. Теракты фæстæ адæм æрлæууыдысты рæстдзинад агурыны фæндагыл. гæххæттыты кæй фыссынц, уый нæ, фæлæ æцæг чи у, ахæм. Зæрдæрыст ныййарджытæ ныгæдтой сæ цоты къах-къухгай, фæлæ уæддæр аххосджынты агурыны тыхтæ сæхимæ ссардтой. Чи сæ æнæзонд хуыдта, чи сын цæлхдуртæ арæзта, чи - æндæр исты чъизи митæ. Адæмæн-иу уæд сæ масты дзæкъул атыдта, куы-иу фæндæгтæ æрæхгæдтой, куы митингтæ арæзтой, куы та æндæр исты. Фæлæ сын дзуапдæттæг нæ уыд. Уыйфæстæ райдыдта тæрхондоны `мбырд, сæ марджытæй иуы бирæтæ фыццаг хатт кæм федтой, уый. Рæстдзинад агурыны хæс адæм сæхицæй нæ систой. Ахæм уæззау æмбырд а-дунейыл нæма `рцыд. Залы тар мигъау ныббадт æгæрон хъизæмар. Цæст æй нæ уыдта, фæлæ зæрдæйыл æртæфст. Уыцы рисæй рауад тых, æрвылбон рæстдзинад агурыны фæндагыл адæмыл размæ чи хæцыд, ахæм. Уыцы рисæй рауад зæрдæхæлд мады æрдиаг... Тæрхоны `мбырд бирæ цыдæртæ рабæрæг кодта. Æдыхтæн радта хъару, тыхджынтæн равдыста сæ лæмæгъдзинад. Стæй ма иу хатт раиртæста, Ирыстон цы æвирхъау зындзинады дзæмбыты бахауд, уый. Æнамонд скъолайы кæрты æртæ боны лæууынц адæм. Хæссынц дидинджытæ, дон, судзынц мыдадзын цырæгътæ æмæ хъусынц æгомыг хъæлæстæм. Хъуамæ ацы бæллæх нæ зæрдыл дарæм, цыфæнд зын куы уа, уæддæр. Хъуамæ йæ фидæны фæлтæртæ макуы ферох кæной. Æппынфæстаг уый тыххæй, цæмæй нæм уазал цыртытæй мидбылхудгæ цæстæнгасимæ чи кæсы, уыдон нын не `гуыдзæгдзинад ныххатыр кæной. Хъулаты Юрий, Ирытсоны хабæрттæ... _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Беслæн. 14 азы фæстæ...

Категория:

Новости и СМИ