Йæ цæрæн бынат æнæбары чи ныууагъта, ахæм 800 бинонтæ райсдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ
Йæ цæрæн бынат æнæбары чи ныууагъта, ахæм 800 бинонтæ райсдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы арæзтад æмæ архитерктурæйы министрад. Рахай сын кæндзысты 2 млрд æмæ 34 млн сомы. Фарон ацы хъуыддаджы фæдыл рахай кодтой 1 млрд æмæ 8 млн сомы. 2018 азы та уыдысты 1 млрд соммæ`ввахс. Уæд æххуыс райстой 500 бинонтæ. Цæрæнуæтты сертификаттæ райсынц паддзахадон программæйы фæлгæты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны цæрынц 1991-æй 1992-æм азты æнæбары йæ цæрæн бынат чи ныууагъта Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны, ахæм цæрджытæ. Ныридæгæн цæрæнуат райсынмæ рады лæууынц 900 бинонтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ цæрæн бынат æнæбары чи ныууагъта, ахæм 800 бинонтæ райсдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ
Категория:
Новости и СМИ