Сабырдзинады проспекты цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты
Дзæуджыхъæуы сæйраг уынг Ног 2022-æм азыл сæмбæлдзæн райдзаст æмæ цалцæггондæй. Сабырдзинады проспекты бындурон рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Куыстытæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый федта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Цалцæджы кæронбæттæн къæпхæн - Горькийы номыл уынгæй - Дзанайты Иваны номыл уынджы онг рацарæзт. Аразын æй радыдтой афæдз размæ. Уæдæй нырмæ баивтой къахвæндаг, сæвæрдтой ног бæрдюртæ, цырæгътæ æмæ бандæттæ. Уæлдай цæстдард уыд Ленины номыл фæзмæ: ам хæстæгдæр рæстæг срæсугъд кæндзысты заз бæлас. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv