Цымыдисаг квест
Абон нæ республикæйы скъоладзаутæ æнæниз цардыуаджы тыххæй цы зонынц, уый сбæлвырд кодтой теоретикон æмæ практикон æгъдауæй. 10 алыхуызон хæслæвæрды ахуырдзаутæн бацæттæ кодтой бархион дохтыртæ. Æдæппæтæй дзы нæ республикæйы районтæй бацархайдтой 150 адæймаджы. Скъоладзаутæ адих сты къордтыл, æмæ алы конкурсы кæронбæттæны дæр истой баллтæ. Хæслæвæрдтæ алыхуызон уыдысты æмæ хъазт цымыдисаг рауад. Зæгъæм, сæ иуы - архайджытæ хъуамæ алыхуызон миниуджытæм гæсгæ сбæрæг кодтаигкой, цæмæй рынчын у адæймаг, уый. Квесты аразджыты ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ сывæллæттæ зоной, адæймагмæ цы фæстиуджытæ æнхъæлмæ кæсынц, йе 'нæниздзинадмæ куы нæ зила, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цымыдисаг квест
Категория:
Новости и СМИ