Дзанайты Барис Мæскуыйы фембæлд Игорь Шумаковимæ

Йæ кусæг балцы рæстæг ма Дзанайты Барис Мæскуыйы фембæлд гидрометеорологи æмæ алфамбылайы дунемæ цæстдарды федералон службæйы разамонæг Игорь Шумаковимæ. Æрныхас кодтой æмгуыстады тыххæй. Сæйрагдæр фарстатæй иу уыд цæрджытæ æмæ бæстыхæйттæ зæйтæй бахъахъхъæнын. Ныхас цыд транскамы фæндаджы æдасдзинады тыххæй. Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой зæйты ныхмæ мадзæлтты арæзтадыл. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй адæмы æдасдзинады фарста, стæй Хуссар Ирыстон æмæ Алагиры районы хæххон хъæутимæ транспортон бастдзинад æнæ къуылымпытæй куыд уа, уыцы фарстатæ сты уæлдай вазыгджын. Цæгат Ирыстоны премьер-министр æмæ Игорь Шумаков баныхас кодтой республикæ æмæ федералон органы æмгуыстад фæхъæддыхдæр кæныныл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
17 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии