Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 107-æм рæвдауæндоны сарæзтой ахуыртæ
Бинонты `хсæн бюджеты фæрæзтæ куыд дих кæнын хъæуы æмæ ныййарджытæ æхца цæмæй кусынц? Ахæм фæрстытæн дзуапп агуырдтой Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 107-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ. Сæрмагонд лекцитæ финансон цæттæдзинадæй сын бакастысты Национ банчы кусджытæ. Сывæллæттæн бамбарын кодтой фæстауæрц кæнæн куыд ис, уый. Сабитæ ног зонындзиæндтæм цымыдисаг хъуыстой, сæхи фæрстытæ дæр сæм сæвзæрд. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм ахуыртæ сывæллæттæн пайда сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 107-æм рæвдауæндоны сарæзтой ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ