Æрыдоны ссардтой, чи фесæфт, уыцы сывæллоны
Æрыдоны районы кинологтæ ссардтой, хъæды цы сывæллон фесæфт, уый. Уый тыххæй хъусын кæны муниципалон сконды официалон сыф социалон хызæг Инстаграмы. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрыгон фæсивæды къорд сæ сывæллæттимæ улæфынмæ рацыдысты Красногоры суадæтты цурмæ. Хистæртæ нæ бамбæрстой, сабитæй иу хъазгæ-хъазын цыдæр куыд фæцис, уый. Фæлладуадзджытæн сæхи бон сывæллоны ссарын нæ бацис. Фæдисы сæ фарсмæ 'рбалæууыдысты Мидхъуыддæгты министрады Æрыдоны районы хайады кусджытæ. Кинологты æххуысæй талынгæй сывæллоны ссардтой. Ныртæккæ йе `нæниздзинадæн тас ницæмæй уал у. Районы администрацийы разамынд бузныджы ныхæстæ загъта пъæлицæйы кусджытæн, тагъд æмæ иттæг хорз сæ куыст кæй бакодтой, уый фæдыл. Арфæйы ныхасы аккаг фесты бархионтæ дæр. Уыдон дæр сывæллоны агурынмæ фæкастысты. Æдæппæтæй сабийы ссарынмæ февнæлдтой 200 адæймаджы Æрыдон, Красногор æмæ иннæ хæстæг хъæутæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны ссардтой, чи фесæфт, уыцы сывæллоны
Категория:
Новости и СМИ