Уæрæсейы фæкарздæр уыдзæн дыргътæ, халсартæ æмæ дидинджытæ ласыны фæтк
Дыргътæ, халсартæ æмæ дидинджытæ транспорты ласыны фæтк Уæрæсейы фæкарздæр кæндзысты. Ныхас цæуы, паддзахадон арæны сæрты цы товартæ раласыны бар ис, уыдоны нымæцыл. 19-æм августæй фæстæмæ Уæрæсейы йæ тыхы бацæудзæн ног закъон. Уымæ гæсгæ æнæ сертификаттæй ласæн ис æрмæстдæр халсарты æмæ дыргъты 5-гай килограммтæ, дидинджыты бæстытæ та бæрцæй хъуамæ 3-йæ фылдæр ма уой. Уыимæ дзы иуы 15 дидинæгæй фылдæр хъуамæ ма уа. Уый хауы куыд багажмæ, афтæ къухы хæсгæ дзауматæм дæр. Амынд бæрцæй фылдæр чи сæккой кæна, уымæй бадомдзысты фитосанитарон æвдисæндартæ. Бæлццонмæ куы нæ разыной, уæд сын сæ хойраг æмæ зайæгойтæ байсдзысты. Фитосанитарон къæлæты бахаудзысты финиктæ, инжир, ананастæ, авокадо, гуавæ, манго, мангустин. Семæ ма чылауитæ, алтъамитæ, балтæ æмæ æндæр дыргътæ. Ивддзинæдтæ хаудзысты транспорты алы хуызы бæлццæттæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы фæкарздæр уыдзæн дыргътæ, халсартæ æмæ дидинджытæ ласыны фæтк
Категория:
Новости и СМИ