Фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Фæндаггон фыдбылызты нымæц Цæгат Ирыстоны 2020 азы фæкъаддæр. Республикæйы æвæстиаты цауты уавæрыл дзырдтой хицауады къамисы радон æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Томайты Ирбег. Республикæйы январ æмæ февралы æрцыд 107 фæндаггон фыдбылызы. Фаронимæ абаргæйæ уый у 14,4 % къаддæр. Фæндæгтыл хъыгдæрд баййæфтой 153 адæймаджы. 2019 азы уыцы нымæц уыд 178. Транспортон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр, фæлæ уыцы рæстæджы æмгъуыдмæ фæмард 16 адæймаджы. Фаронимæ абаргæйæ 5 адæймаджы фылдæр. Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ дæр республикæйы аразынц сæрмагонд рейдтæ. Сæ сæйраг нысан - фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнын. Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы разамонæджы хæдивæг Хæбæлаты Григорий куыд фæнысан кодта, афтæмæй æмткæй райсгæйæ æндæр азимæ абаргæйæ 2019 -ы транспортон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр. Фарон республикæйы æрцыд 845 фыдбылызы, фæмард 87, хъыгдæрд баййæфтой 1 мин 224 адæймаджы. Æнæбардæттæг гæххæттытæй æмæ æнæзакъонæй хæдтулгæ чи скъæрдта уыдоны нымæц та схызт. Хъæбæр нозт йæ туджы кæмæн рабæрæг кодтой, уыдонимæ баст цаутæ 2019 азы рауад 28. Æмбырды ма уæлдай æргом аздæхтой фыдбылызты æнахъом сывæллæттимæ архайдмæ. Ахæм цаутæ æрцыд 109, цыппар æнахъом сывæллоны фæмард, 121 цæфтæ райстой. Фистæгцæуджытимæ баст фыдбылызты нымæц у 71. Уым 4-æй фæмард сты, 73 адæймаджы та хъыгдæрд баййæфтой. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ ма иу-хатт сидынц адæммæ, цæмæй къæрцхъусдæр уой фæндæгтыл. Фæндаггон фыдбылызтæ: 2020 аз (январь-февраль) - 107 2019 аз (январь-февраль) - 125 _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр

Категория:

Новости и СМИ