25 июлы 1942-æм азы райдыдта Кавказыл тох
25 июлы 1942-æм азы райдыдта Кавказыл тох
Ацы бон 25 июлы 1942-æм азы райдыдта Кавказыл тох. Уый уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæргъвæтиндæр æфсæддон операцитæй иу. Цыди 442 боны. Немыц сæ ных сарæзтой Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæу бацахсынмæ, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæлахизæн стыр аргъ бафыстой советон адæм. Тохы быдыры баззадысты Сырх æфсады мингай æфсæддоны. Кавказыл тохы архайджыты хъæбатырдзинад рох нæ уыдзæн.