Азтæ йыл нæ фæтых сты
Багаты Марусайыл цæуы 93 азы, фæлæ рæстæджы уæз йæхиуыл æрынцайын æппындæр нæ уадзы. Райсомæй раджы фесты æмæ йæ уарзон цæхæрадонмæ атæхы. Куыстуарзаг æмæ рæдау зæрдæ у Маруса. Уæдæ йæ цъындатæ бийынæй дæр æй ничи амбулдзæн. Иу ран æнцад нæ бады. Сæрæн æмæ æвзыгъд бабу – нæ дарддæры сюжеты хъайтар. Марушайæн йæ 93 азы йæхи кæд фесты, уæддæр æм хъуысты дæр не сты. Бирæ цæджындзгомау æрыгæтты йæ фæстæ фæуаддзæн йæ сæрæндзинадæй. Йæ цоты цоты цот баисты 25, уыдоны фæдонтæ та мыггаг адарддæр кодтой 7-æй. Хæдзары йæ не ссардзынæ – æппынæдзух йæ цæхæрадоны цыдæртæ архайы. Æмæ йын дзы цы нæ зайы: Хъонтхъора, нурыйы хуымтæ, басгæрдæг, хъæдындз. Йæ сæнæфсир та хъулон уарзтæй уарзы. Сывæллонау æм зилы, куы бахъæуы, уæд ын йæ зæбул къалиутæ уалдæр абæтты. Уарыны рæстæг дæр Маруша æнцад нæ бады, цы куса, уый цыппар къулы `хсæн дæр ссардзæн. Цæстæй нырма сæрæн у æмæ бон-изæрмæ йæ бирæ кæстæртæн цъындатæ быйы. Æнæвдæлон у, дзæвгар ын кæй сты, уымæн. Йæ куыстытæ куыд зæрдæргъæвдæй кæны, уымæ бахæлæг гæнæн ис. Йæфырт дæр афтæ зæгъы. Йæ куыстытæ никуы никæй бар бакодта. Цалынмæ хъæуы цардис, уæдмæ-иу æй куы цæвæгимæ федтой, куы – хуымгæнæнгæйæ, куы та-иу фосы фæдыл фыййау ацыдис. Ныр дæр æй ничи бауромдзæн. Йæ кар æм нымады дæр нæу Марушамæ. Уый нæ, фæлæ ма йæм дæрддыл зилæг нысæнттæ дæр фæзыны. Ныр дæр та бакæс-бакæс кæны йæ цæхæрадонмæ, куыд æй фестырдæр кæна, ууыл хъуыдыгæнгæйæ. Йæ халсартæн ын бынат нал фаг кæны. Маруша уыдæттæн нæ бабыхсдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Азтæ йыл нæ фæтых сты
Категория:
Новости и СМИ