Æнæ уæззау фæстиуджытæй
Дзæуджыхъæуы Тамайы-фырты номыл уынджы фарастфатерон хæдзары дысон æрцыд зынгсирвæзт. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады. Фыдбылызы тыххæй хъусынгæнинаг ирвæзынгæнджытæ райстой æхсæвы 2-æгæм сахаты `мбисыл. Æвæстиатæй чи `рбахæццæ, уыцы зынгхуыссынгæнджытæ арты къæлæтæй фервæзын кодтой 4 адæймаджы. Уæдмæ арт апарахат 70 квадратон метры фæзуатыл. Зынгимæ тох кодтой 20 ирвæзынгæнæджы æмæ сæрмагонд техникæйы 5 иуæджы. Сæрмагонд службæтæн баххуыс кодтой бынæттон цæрджытæ дæр. Цыбыр рæстæгмæ арт ахуыссын кодтой. Нырыккон техникæйы руаджы бантыст адæмы, фæздæджы мигъы уайтагъд ссарын æмæ сæ æдас ранмæ ракæнын. Ныртæккæ специалисттæ кусынц зынгсирвæзты ахоссæгтæ сбæрæг кæныныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæ уæззау фæстиуджытæй
Категория:
Новости и СМИ