Бирæ кæй агуырдтой, уый ссардтой
Агуырдтой та йæ æппæт районты, уыимæ цалдæр домæнмæ гæсгæ. Республикæйы цæрджыты цæст рæвдаудзæн 22 метры бæрзæндæн бæлас. 30-аздзыд рæсугъды ссардтой Мызуры цæрджытæй иуы кæрты. 3 сахатмæ йæ сластой Дзæуджыхъæумæ. Фæндагыл æм сæ цæст дардтой пъæлицæйæгтæ. Кастысты, цæмæй машинæтæ æмæ электрон тыхы телтæ ма бахъыгдара, уымæ. Ног чындзау æй абон хъахъхъæндзысты. Райсом та йæ горæты сæйраг фæзы сфидар кæндзысты. Мурат Алиев: «Бæласы хицау æй куы базыдта, заз бæлас республикæйы сæйраг фæзы æвæрд æрцæудзæн, уый, уæд æй цингæнгæйæ балæвар кодта. Æрбаластам æй æмæ уын фидарæй зæгъын, иннæ азтимæ абаргæйæ, ацы хатт заз бæлас у рæсугъддæр æмæ къабазджындæр. Се ппæты зæрдæмæ дæр фæцæудзæн.» _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бирæ кæй агуырдтой, уый ссардтой
Категория:
Новости и СМИ