Дзанайты Барис разамындæй ацыд оперативон штабы æмбырд
Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæр фæхуыздæр. Низ парахат кæнын райдыдта къаддæр. Уый тыххæй ныхас цыд оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Ныртæккæ бацæттæ кодтой 1 мин 44 сынтæджы, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ сты 100 къаддæр. Стационарты дзæбæх кæнынц 674 адæймаджы. Уæгъд бынæттæ дзы ис 370, ома 35%. Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынадмæ цæстдарды службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны вакцинаци чи ацыд æмæ коронавирусæй ног рынчынты тыххæй бæрæггæнæтæ электронон регистртæм афоныл нæ баххæсынц. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад бахаста хъæппæрисæй ног къуырийæ пъланмæ гæсгæ диспансеризаци сног кæнын. Дзанайты Барис дзуапдæттæг министрадæн бабар кодта, цæмæй медицинон куыстуæттæ цæттæ уой фылдæр пациенттæ райсынмæ. Уый республикæмæ Луганскы æмæ Донецкы республикæтæй адæм куы ссæуой, уæд. Æмбырды республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты иунæг кълас дæр карантины æхгæд нæу. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæй ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй тагъд æххуысы станцæмæ дохтырты æххуысмæ къаддæр сидын райдыдтой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv