Ныййарджытæ цæттæ кæнынц скъоладзауты ног ахуыр азмæ
Æппæты фылдæр æлхæнджытæ дуканиты фенæн вæййы июлы кæрон æмæ августы. Дуканигæстæ адæмыл æххæсгæ дæр нæ фæкæнынц. Ныййарджытæ æмæ скъоладзаутæ уæлдай ахсджиагдæрæй æвзарынц скъолайы уæлæдарæс. Уæййæгты хыгъд Дзæуджыхъæуы алыхуызон у. Райдиан кълæсты ахуырдзауы срæвдз кæнынæн æппынкъаддæр бахъæудзæн 2 мин 600 сомы, хистæркъласонтæн та 3 мин 500 сомы. Ацы æхцайæ балхæнæн ис хæдон, костюмы хай, хæлаф, рон æмæ галстук. Уый ивгъуыд азы уагъд уæлæдарæс. Ногдæр модельтæ та сыстдзысты 5 мин 650 сомы аргъæн. Хистæркъласонæн та 8 мин сомы. Уый æнæ цъындатæ, æдысæг, цыбырдыс хæдон. Уыдоны рæстæмбис аргъ та у 1 мин 500 сомы.Чызджытæн та фылдæр лыстæг дзаумæттæ хъæуы. Хистæркъласон чызгæн формæ балхæнынæн æппынкъаддæр бахъæудзæн 2 мин сомы. Зынаргъдæр та рауайдзæн 3 мин 750 сомы. Къабаты хуызтæ сты 18 фылдæр. Сабитæн та 20 фылдæр. Сæ аргъ 700 сомæй фылдæр. Хæдон та 1 мин сомæй 1 мин 900 сомы онг. Ам уæлдай тынгдæр æлхæнынц национ символикæимæ товартæ. Ныййарджытæ æмæ сабитæн сæ зæрдæмæ фылдæр цæуынц Къостайы нывимæ тетрæдтæ, нæ тырысайы хуызтимæ ручкæтæ æмæ æндæртæ. Фыццагкъласонтæн та ма дуканиты ссарæн ис хъæугæ гæрзтимæ æмбырдгондтæ. Ныййарджытæ уæлдай бæстонæй æвзарынц хызын. Æппæты къаддæр æй балхæнæн ис 1 мин 200 сомæй. Фылдæр сæ исынц райдиан кълæсты ахуырдзаутæн. Ам сæйрагдæр у, цæмæй уа рог æмæ æнцондард. Ахæм хуызы аргъ у 5 мин соммæй хæстæг. Сывæллоны скъоламæ сæмбырд кæнынмæ бахъæудзæн 9 мин соммæ хæстæг. Уый канцтовартæ æмæ скъолайы уæлæдарæсимæ. Арæхдæр ахуыргæнджытæ ныййарджытæн фехъусын кæнынц, ахуыры азмæ сæ цавæр дзауматæ бахъæудзæн, уый. Ныййарджытæн дæр афтæ æнцондæр вæййы, бæлвырд æй фæзонынц цы сæ хъæуы бахæнын, уый. Алы ныййарæг дæр скъоладзауы сæмбырд кæны, йæ къух куыд амоны, уымӕ гæсгæ.