Цæгат Ирыстоны ацыд практикон æхстытæй турнир

Мысæнттæ сты алыхуызон дæрддзæг æмæ бæрзæндыл ӕвӕрд. Æхсын та сæ хъæуы зынарæхст бынæттæй кæнæ, зæгъæм, згъоргæйæ. Практикон æхстыты спорты æппынæдзух хъæуы ныфс æмæ цæрдæгдзинад æвдисын. Æмæ кæд æрымысгæ цаутæм гæсгæ архайынц, уæддæр, царды æцæгдæр цы уавæртæ сæвзæры, уыдонмæ хæстæг сты. Дырысдзинад, тагъддзинад, æдасдзинад — ахæм сты ацы спортæн йæ æртæ сæйраг принципы. Ам та, æрымысгæ цаумæ гæсгæ, блокпостмæ æрбабырстой. Æхсæджы, хæдтулгæйы бадгæйæ, хъæуы дыууæ мысаны акъуырын рудзынгӕй, æртыккаг ӕхст — машинæйæ рахизгæйæ. Дыууæ æхсты "риу" фæкæн, иу — "сæр". Алы уысм дæр нымад у. Адæймаджы амынæтæй суæгъд кæнын, гранат фехсыны фæстæ æнæфæивгъуыйгæйæ фехсын, ныхмæлæууæджы позицитæм штурмæй бабырсын — хæслæвæрдтæм хи рагацау зын у бацæттæ кæнын. Бæстæйы иугонд командæйы сæйраг тренер Хъантемыраты Барисы ныхæстæм гæсгæ, архайджытæ сценаритæ базонынц æрмæст ерысты хæдразмæ. Ацы турниры ис спорты мастеры ном райсæн. Ацы аз æрбамбырд кодта 60 архайæджы, се 'хсæн куыд профессионалон спортсментæ, афтæ алыхуызон тыхы структурæты минæвæртты дæр. Модификацигонд къласы дамбацайæ æхсынæй хуыздæр разынд Николай Бобков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлахиз, фыццаджыдæр, аразгæ у психологон цæттæдзинадæй. Турнир хуыйны "2004-æм азы сентябрь". Ныр дзы 12 азы дæргъы æрымысынц Беслæны фыццæгæм скъолайы амæттæгты ирвæзын кæнгæйæ фæмард уæвæг сæрмагонд дæлхайæдты – "Альфа", "Вымпел" æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты нæмттæ. Алыхуызон дисциплинæты фыццаг бынæттæ райстой Андрей Семёнов æмæ Дмитрий Ляховец Стъараполæй, стæй Танделаты Сослан Хуссар Ирыстонæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
20 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии