Сергей Меняйло архайдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрмагонд æмбырды
Уæрæсейы бындурон цалцæджы федералон программæйы фæлгæты сцалцæг æмæ сифтонг кæндзысты авд мин скъолайы. Уый тыххæй ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы генералон советы секретары хæдивæг Александр Сидякин. Кусæг фембæлды архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Цæгат Ирыстоны фондз азмæ сцалцæг кæндзысты скъолаты 70%. Æхцайы фæрæзтæ рахай кæндзысты федералон бюджетæй. Республикæта та ахуыргæнæн уагдæттæ сифтонг кæндзæн æмбæлгæ кусæнгæрзтæй. Куыстыты æппæт къæпхæнтæ бæрæг кæндзæн кусæг къорд. Йæ уæнгтæ — партийы регионалон хайады минæвæрттæ æмæ ахуырады министрады специалисттæ. Цалцæджы рæстæг алы скъолайæн дæр дзуапп дæтдзæн хицæн депутат. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй бæстæйы цы зын уавæр сæвзæрд, уый хъуамæ партийы проекты райрæзтыл æвзæры 'рдæм ма сахада. Æххсæтгонд хъуамæ æрцæуой нысангонд фæткмæ гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Иугонд Уæрæсе»-йы съезды ивгъуыд аз июны Президент Владимир Путин бабар кодта скъолаты бындурон цалцæджы программæйыл бакусын. Нысангонд æрцыд фондз азмæ. Ног объекты арæзтад æмæ скъолаты бындурон цалцæг бахастой партийы адæмон программæмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv