Хуссар Ирыстоны бæрæг кæнынц хæдбардзинады бон
Абон Хуссар Ирыстоны бæрæг кæнынц хæдбардзинады бон. 15 азы размæ 26-æм августы республикæ хæдбарыл фыццаг банымадта Уæрæсе. Ахсджиаг бонимæ баст мадзæлттæ ам цæуынц цалдæр боны. Республикæ у бæрæгбон хуыз. Цхинвалмæ ссыдысты æмæ ныридæгæн дæр цæуынц алы бæстæтæй æмæ горæттæй уазджытæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн ацы ахсджиаг боны фæдыл арфæ ракодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин. Бæрæгбоны мадзæлтты архайы Цæгат Ирыстоны делегаци йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй. Ныридæгæн фембæлдысты Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланимæ. Сергей Меняйло йæ раныхас райдыдта ирон æвзагыл. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй дыууæ республикæйы 'хсæн хъуамæ уа бастдзинад, иудзинад, цæмæй цæрæм æнгомæй. Ис нын иумæйаг истори æмæ хъуамæ дыууæ Ирæн уа иумæйаг райдзаст фидæн. Ахсджиаг цау ма абон у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны парламенттæ æмгуыстады бадзырд, кæй бафыстой, уый. Сæрмагонд гæххæттыл сæ къухтæ æрфыстой Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ хуссарирыстойнаг парламенты спикер Æлборты Алан. Документмæ гæсгæ дыууæ парламенты закъонты бындурыл кæндзысты æмгуыст. Ацы бадзырдыл бирæ азты куыстой парламентаритæ. Дыууæ регионы дæр æм æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты. Абон ма равдисдзысты документалон киноныв «Независимая», зæгъгæ. Сæрмагондæй йæ цæттæ кодтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады 15 азы бонмæ. Бакуыстой йыл не 'мкусджытæ Паддзахадон телекомпани «Алани»-йæ. Сæ сæргъы Хъуысаты Тимур, афтæмæй. Кинонывмæ бахастой Хуссар Ирыстон йæ хæдбаордзинадыл куыд тох кодта, уыимæ баст цаутæ, уыцы бонтæ хи цæстæй чи федта, уыдоны историтæ æмæ политикты интервьютæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гуырдзиаг лæгсырдтæ 2008-æм азы республикæмæ кæй æрбалæбурдтой, уый. Фæнд кодтой сабырцæрæг адæмы сæ райгуырæн зæххæй фæсурын. Ирон адæм Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй бахъахъхъæдтой сæ фыдыуæзæг. Знагæн ныхкъуырд радтой, фæлæ фæмард бирæ адæм. Куыд бынæттон цæрджытæй, афтæ Уæрæсейы сабырдзинадтауджытæ дæр.