Адæмы цинæн
Ног азы бæрæгбоны трамвайы куыст аргъæвтой 20 январмæ. Уымæн æмæ нырма йæ бæлццон суæвын бирæты фæнды. Уым уазджытæн æвдисынц Советон цæдисы ист кинонывтæ. Трамвайæн ис æрмæст иу æрлæууæн бынат - Къостайы номыл парчы сæйраг бацæуæны раз. Изæры авд сахатмæ уым трамваймæ фенхъæлмæ кæсы бирæ адæм. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ног азы бæрæгбоны трамвай горæты уынгты фæзынд 21 декабры. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисы хъæппæрисæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæмы цинæн
Категория:
Новости и СМИ