Героин уæй кæныныл гуырысхо кæуыл кодтой, ахæм 2 адæймаджы æрцахстой
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ, героин уæй кæныныл гуырысхо кæуыл кодтой, ахæм дыууæ адæймаджы æрцахстой. Ссардтой сæм 200 дозæйæ фылдæр. Барадхъахъхъæнджытæн фехъусын кодтой, дыууæ адæймаджы республикæмæ иваргонд буаргъæдтæ æрбаласын кæй хъавынц, уый. Азымджынтæ разындысты 39-аздзыд нæлгоймаг æмæ 32-аздзыд сылгоймаг. Æрцахстой сæ Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вокзалы. Аххосджынты куы басгæрстой, уæд сæм ссардтой сау полимерон тыхтон. Экспертон-криминалистон экспертизæмæ гæсгæ, уый уыд, «диа-Цетил – морфин» кæй хонынц, ахæм наркотик, 31 граммы бæрц. Хъавыдысты йæ республикæйы парахат кæнын. Аххосджынтæ сæ азымыл басастысты. Ныртæккæ сæ ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг Уæрæсейы Федерацийы уголовон кодексы 30-æм æмæ 228-æм уацтæм гæсгæ. Æвзиды сæм 10 азæй-20 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Героин уæй кæныныл гуырысхо кæуыл кодтой, ахæм 2 адæймаджы æрцахстой
Категория:
Новости и СМИ