43 сертификаты дæр райстой, хæсты быдырæй чи нал сыздæхт кæнæ йе ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, ахæм
43 сертификаты дæр райстой, хæсты быдырæй чи нал сыздæхт кæнæ йе ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, ахæм ветеранты бинонты уæнгтæ. Цæгат Ирыстоны хицауад цæрæнбынæттæ рахай кодта Фыдыбæйстæйы Стыр хæсты 40 ветеранты бинонтæй фылдæрæн. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Касаты Таймураз куыд хъусын кæны, афтæмæй уый ивгъуыд азимæ абаргæйæ у 20 бинонтæй фылдæр. 2018-æм азы уыцы нысантыл схардз кодтой 24,6 милуан сомы. Ацы аз та цас схардз кодтой, уый не ‘фæбæлвыд кодтой. Министры ныхæстæм гæсгæ, азы райдианæй нырмæ хæдзæгтæ радтой инвалид кæмæ ис, ахæм 17 бинонтæн. уый фаронимæ абаргæйæ у 11 бинонтæ фылдæр. 2018-æм азы ууыл схардз кодтой 5 милуаны æмæ 700 мин сомы. Уыимæ ма ацы азы хатдзæгтæм гæсгæ, хæстон цауты архайджыты бинонтæй дæр фаронимæ абаргæйæ 1 фылдæр райстой сертификаттæ. 2018-æм азы уыдысты 3, 2019-æм азы 6 мæймæ та - 4. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, йæ цæрæнбынат ныууадзын кæй бахъуыд, ахæм бинонтæн та 2019-æм азы фыццаг æрдæгмæ радтой 400 сертификаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
43 сертификаты дæр райстой, хæсты быдырæй чи нал сыздæхт кæнæ йе ‘нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, ахæм
Категория:
Новости и СМИ