Хъайтартæн - аккаг аргъ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы мысæн вахтæ. Æцæг экспедици сарæзтой Елхоты дуæртты размæ хъæды. 45 агурæн къорды нæ бæстæйы 17 регионæй 10 боны æмгъуыдмæ зилдзысты, æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы салдæтты фæдтыл. Ацы хъуыддаг бакæнынмæ чи сразы, ахæмтæ бирæ разынд. Сæ сæйраг нысан - алы хъæбатыры дæр ссарын. Агурджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы куысты бирæ тыхтæ бахардз кæнынц. Уымæ гæсгæ семæ райсынц æрмæст хъæугæ кусæнгæрзтæ. Сæ руаджы ссарынц салдæтты мæрдтæ. Ам 1942-æм азы Елхоты дуæртты раз цыдысты тæккæ тугкалгæ тохтæ. Уæдæй абонмæ 77 азы рацыд. Мингай æвзонг лæппуты мæрдтæ ныгæд нæма æрцыдысты. Акци Мысæн вахтæ уымæн арæзт у, цæмæй тохы быдыры баззайæг салдæтты ссарой æмæ сæ æмбæлгæ хуызы баныгæной. Мæрдтæ ссарынмæ ма сын æххуыс кæны агурæн къорд Смоленскы облæстæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъайтартæн - аккаг аргъ

Категория:

Новости и СМИ