Дзæуджыхъæуы 44 æм скъолайы сарæзтой сфæлдыстадон мадзал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

Хетæгкаты Къостайы 160-азы юбилеймæ нæ республикæйы алы къуымты арæзт цæуынц кадджын мадзæлттæ. Абон дæр Дзæуджыхъæуы цалдæр скъолайы сарæзтой сфæлдыстадон равдыстытæ. Се 'хсæн 44-æм скъола дæр. Хистæр æмæ кæстæр кълæсты сабитæ бакастысты сæ уарзондæр æмдзæвгæтæ. Æрвылаз дæр сæхи зæрдиагæй фæцæттæ кæнынц ацы мадзалмæ. Ахæм зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй скъоладзаутæ æрымысыдысты нæ Ирыстоны ирддæр стъалы- Хетæгкаты Къостайы. Сабитæй алчидæр бацархайдта поэты бирæвæрсыг сфæлдыстад ирдæй равдисыныл. «Фæззæг», «Сидзæргæс», «Лæгау», «Ныстуан» æмæ бирæ æндæр æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Поэты рæнхъытæ æрымысыдысты куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Суанг ма англисаг æвзагыл дæр азæлыдысты. Сæ уарзондæр æмдзæвгæтæ радзырдтой кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ дæр. Уæдæ сценкæтæ дæр бацæттæ кодтой сабитæ. Уазджытæн равдыстой «Булкъ æмæ мыд»-æй скъуыддзаг. Мадзал сбастой Хетæгкаты Къостайы 160-азы юбилеимæ. Æрвылаз дæр 44- æм скъолайы ахуырдзаутæ сæхи зæрдиагæй бацæттæ кæнынц нæ зындгонддæр поэт æмæ фыссæджы гуырæнбонмæ. Ацы аз дæр та бацархайдтой флешмобы. Хæстæгдæр рæстæг ма сараздзысты нывты, презентациты конкурс. Сбæрæг кæндзысты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад хуыздæр чи зоны, уыдоны. Сфæлдыстадон акци арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Къостайы сфæлдыстады ахадындзинадæн аргъ нæй. Сывæллæттæ йын æмбæлгæ аргъ кæй кæнынц, уый та уæлдай æхсызгон у. Джиоты Георгий, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Фæстерчы районы хайады секретарь: «Абон ахæм акцитæ Хетæгкаты Къостайы 160-азы юбилеймæ сарæзтам нæ республикæйы цалдæр скъолайы. Аразæм æй партийы проекттæ «Историческая память» æмæ «Ног скъола»-йы фæлгæты. Архайынц дзы куыд горæты, афтæ районты скъоладзаутæ дæр. Тынг æхсызгон нын уыд, сабитæ Къостайы сфæлдыстад афтæ хорз кæй зонынц». Мадзалы кæронбæттæны партийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн балæвар кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл сæрмагондæй уагъд чингуытæ, йе`мдзæвгæтимæ фыст диск æмæ поэты ныв. Бузныджы ныхæстæ æмæ сын арфæтæ ракодтой, афтæ зæрдиагæй сæхи кæй бацæттæ кодтой, уый фæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы 44 æм скъолайы сарæзтой сфæлдыстадон мадзал

Категория:

Новости и СМИ