Сергей Меняйло амыдта хицауады радон аппаратон ӕмбырд

Ӕрӕфы районы администрацийы раздӕры сӕргълӕууӕг Лагкуты Омары снысан кодтой паддзахадон ӕлхӕдтыты республикон разамынды хицауӕй. Уый тыххæй радон аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Хицауады уæнгтæ ма ныхас кодтой бон раздæр Беслæны цы зынгсирвæзт æрцыд, ууыл дæр. Ссыгъд иууæладзыгон хæдзар 4 фатеримæ. Фæмард дзы нæлгоймаг. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, хъыгдард дзы цы бинонтæ баййæфтой, уыдонæн уал искуы рæстæгмæ бынат скæнын. Дыууæ бинонтæ ныртæккæ сты сæ хæстæджытæм. Æркастысты ма амброзийы фарстамæ дæр, уæлдайдæр социалон бæстыхæйтты раз кæм зайы, уымæ. Куыстуæтты фæзтæй ацы быронгæрдæг кæм зайы, уыдон æй куы нæ куынæг кæной, уæд сæ ивар кæндзысты. Къуырисæрæй райдайдзысты уавæрмæ кæсын. Мæздæджы районы лыггæнинаг фарстатыл дæр æрлæууыдысты. Хъæу чысыл Малгобекы дон бауагътой хæдзæрттæм. Зæххлæбырдæй тæссаг рæтты чи цæры, уыдоны æндæр цæрæнбынæттæм ивын райдайдзысты 1-æм январæй. Сергей Меняйло бабар кодта банымайын, уымæн цас фæрæзтæ бахъæудзæн, уый. Ныхас ма цыд районы хъæуты æхсæн æхсæнадон транспорты куысты тыххæй дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
26 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии