Дзауджыхъæуы уыд Гуыриаты Тамерланы номыл 3 æм хатт арæзт конференци

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæн институты уыд филологон наукæты доктор, профессор Гуыриаты Тамерланы номыл 3-æм хатт арæзт конференци. Мадзалы архайджытæ ныхас кодтой æвзагзонынад, литературæиртасынад, фольклор æмæ Гуыриаты Тамерланæн хæстæг цы ахсджиаг наукон фарстатæ уыд, уыдоныл. Уыимæ ма дзырдтой йæ бирæвæрсыг сфæлдыстады тыххæй дæр. Гуыриаты Тамерлан уыд 200 наукон куыстæй фылдæры автор, 9 дзы мыхуыргонд уыдысты фæсарæнты. Уыд цыппартомон «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ы редактор. Мыхуыры йын рацыдысты бирæ наукон æмбырдгæндтæ. Уыдоны нымæцмæ хауынц наукон уацты æмбырдгæндтæ «Осетинская филология», «Ономастика Кавказа», «Проблемы осетинского языкознания», «Культура осетинской речи и стилистика». Ирон филологийы райрæзтмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йæ схорзæхджын кодтой майдан «Во славу Осетии»-йæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзауджыхъæуы уыд Гуыриаты Тамерланы номыл 3 æм хатт арæзт конференци

Категория:

Новости и СМИ