Арвыкомы фæндаг кусы фæткмæ гæсгæ
Арвыкомы фæндаг у гом æххæстæй æмæ кусы фæткмæ гæсгæ. Ацæуыны бар ыл ис куыд рог хæдтулгæтæн, афтæ уæзласæнтæн дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæндаг фæстаг бонты тынг къуылымпытимæ кæй куыста. Уымæн аххосаг Гуырдзыстоны `рдыгæй боныхъæды уавæр кæй февзæрдæр, уый. Ныр фæндаг митæй ссыгъдæг кодтой. Бафтаудзыстæм ма уый æнæнхъæлæджы цауты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хæстæгдæр суткæйы рæстæг хæххон районты кæндзæн тыхджын дымгæ. Уыимæ ма тæссаг уыдзæн зæйтæ рцæуынæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг кусы фæткмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ