Ирон страйкбол

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Цæгат Ирыстоны парахат кæнын райдыдта ног хъазт. Хуыйны страйкбол. Аразгæ мæлæт æмæ мæнг хæцæнгарз ацы хъазт уарзджытæн дæттынц диссаджы æнкъарæнтæ æмæ фæлтæрддзинад. Уымæй уæлдай мæ архайджытæ сахуыр вæййынц къорды æмгуыст кæнын, ома иумæ тох кæнын. Кæд аразгæ æфсæддон мадзалы æцæг хæцæнгарзæй нæ хæцынц, уæддæр архайджыты фæуæлахиз уæвын тынг фæфæнды. Нæ уацхæссæг дæр йæхæдæг араст страйкболæй хъазынмæ. Йе ‘нкъарæнтæ нын нæ бавгъау кодта. Æфсæддон дарæс æмæ хæцæнгарз къухы. Зæронд химикон заводы бæстыхайы, цыма, æцæг хæст бацайдагъ, афтæ кæсы адæймагмæ. Фæлæ дзы хъыгдард ничи баййафдзæн. Ай у æфсæддон-спортивон хъазт страйкбол. Хъазт схонæн дæр æй зынтæй ис, раст зæгъгæйæ. Æцæг хæст кæй нæу, ууыл дзурæг у æрмæстдæр патронты бæсты дзы тымбылджытæ кæй ис, уый. Æнæ уый та тохмæ кæсгæйæ зæрдæ бауазал вæййы. Страйкбол тынг зындгонд хъаст у æнхъæн дунейы дæр. Ирыстоны йæ зонынц фæстаг 4 азы. Бонæй бон парахатдæр кæны. Нæ республикæйы ма суанг хи клуб дæр фæзынд, хуыйны «Ратник». Архайджытæ дæр уæдæ фылдæр кæнынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ, страйкбол хуымæтæг хъазтыл рагæй нал нымайынц. Хъазты сæйраг мидис у къорды æмгуыст кæнын æмæ иумæ сценаримæ гæсгæ хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын. Хъазынц фыццаг цæфмæ. Иу хъазтæн йæ бон у цалдæр сахатæй суанг цалдæр бонмæ цæуын. Архайджытæ зæгъынц, страйкболæй хъазгæйæ ис хæстон арæхстдзинæдтыл сахуыр кæнын. Уымæй уæлдай ма – æрдхæрдтæ дæр ссарын. Чи йæхи аирхæфсынмæ æрбацæуы, чи хæстон фæзыл архайыны фæлтæрддзинад райсынмæ. Фæлæ хъазт фылдæр уарзынц уымæн, æмæ дзы æрдхæрдтæ кæрæдзийы фарсмæ балæууынц. Страйкболы бынæттон клубы аразджытæ архайынц сæхи тыхтæй æмæ фæрæзтæй. Дарæс æмæ техникæ дæр сæхæдæг балхæнынц. Ерыстæ æмæ регионалон хъæзтытæм дæр ацæуынц, фадат сæм куы вæййы, уæд. Фæнды сæ, Ирыстойнаг страйкболы кой дардмæ куыд айхъуыса, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ирон страйкбол

Категория:

Новости и СМИ