Рæзгæ фæлтæры мидварныл кусгæйæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

9 лет назад

Нæ фыдæлты рагон куыстытæ амонын æмæ сæ парахат кæнын. Рахизфарсы районы Беслæны 5-æм скъолайы кусы сывæллæтты техникон сфæлдыстады галуан. Скъоладзаутæ йæм иттæг цымыдисæй цæуынц. Скъолайы ахуыр кæны 272 сывæллоны. Сентябрæй фæстæмæ ам байгом сты алайнаг кълæстæ дæр. Ис дзы 42 ахуырдзауы. Алчидæр сæ æмбары йæ ахадгæ хæс. Ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæм сæхи ацы скъоладзаутæ иттæг хорз цæттæ кæнынц. Хæдзармæ куыстæн сæ уарзон æмдзæвгæтæ хъуыд сахуыр кæнын. Радзырдтой сæ аив, рæсугъд æмæ зæрдæмæхъаргæйæ. Алайнаг кълæсты ном хæссын сын кадджын у. Байгом сты ахуырады управленийы сæргълæууæг Людмила Афанасьева, стæй ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæйы хъæппæрисæй. 2 къласы скъоладзаутæ иумæ сты 42. Фриаты Раусан йæ куыстыл æнувыд у. Уарзы скъоладзаутæн æлыгимæ архайд амонын. Скъоладзаутæм æнцон кæсы. Иу урокмæ æлыгæй саразынц алыхуызон цæрæгойты æмæ зайæгойты. Цæгæраты Зауыр зоны, йæ куыстæй цы рауайдзæн, уый. Афæдзы `рдæгмæ йын бантыст алыхуызон фигурæтæ саразын. Архайы сыл дардддæр. Хъæдимæ архайджыты нымæц дæр къаддæр нæу. Ходы Алан сын йæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кæны. Бар сын радты, сæхи цавæр дзаума фæнды, уый саразынæн. Алы сывæллоны къухæй дæр куы хæдзармæ, куы та скъоламæ хъæугæ дзаума рацæуы. Ахæм ахуырты фæрцы скъоладзаутæ фæцалх вæййынц кусыныл. Раздæр дзабыртыл, хуыссæнгæрзтыл, разгæмттыл æмæ æндæр дзаумæттыл цавæр нывæфтыдтæ арæзтой, ууыл скъоладзауты ахуыр кæны Болиаты Светланæ. Иуæй-иутæ дзы йæ ахуыргæнинæгтæ ныридæгæн хорз зонынц. Рагон цыллæ кæлмæрзæн сбийын кæд бирæтæм зын кæсы, уæд 5-æм къласы скъоладзаутæн та удæнцой хæссы. Æгайты Светланæ æмæ Хъантемыраты Еленæ сæ зонындзинæдтæй дисы фтауынц чызджыты. Уыдон кусынц сабыргай, раст æмæ домæнтæм гæсгæ. Бирæ хатт сæ цымыдисдзинад свæййы æгæрон, æмæ цæстыфæныкъуылдмæ сæ куклатæн цыллæ кæлмæрзæнтæ абийынц. Сывæллæтты хæдзармæ ацæуын дæр нал фæнды. Ныййарджыты цæст та сæ сабитæм кæсгæйæ райы æмæ цин кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Рæзгæ фæлтæры мидварныл кусгæйæ

Категория:

Новости и СМИ