Цаликовойы бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодтой Культурæйы хæдзар
Цаликовойы абон ис бæрæгбон. Бындурон цалцæджы фæстæ ам байгом культурæйы галуан. Æрбацыд дуне адæм. Уазджытæн раарфæ кодта культурæйы министр Фидараты Сослан. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй культурæйы артдзæст хъуамæ стыр ахъаз уа бындурон цæрджыты алывæрсыг райрæзтæн. Культурæйы галуан цалцæггæнинаг уыд рагæй. Ам бындуронæй раивтой æппæт инженерон хызæгтæ æмæ сног кодтой бæстыхайы сæр дæр. Ам ма фæзынд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы чиныгдон. Æппæт хъæугæ ифтонггæрзтæ æмæ дзауматæ дæр самал кодтой. Куыстой национ проект «Культура»-мæ гæсгæ. Фидæны та фæнд кæнынц ноджы дыууæ клубы сцалцæг кæнын æмæ чиныгдонмæ фылдæр чингуытæ балхæнын. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, ныр араздзысты фылдæр мадзæлттæ æмæ бæрæгбæттæ. Уыцы хъуыддагæн сын ныр ис æппæт уавæртæ дæр.