Алагиры районы ног фæндаджы хай аразынц
Æгас республикæйы алы рæтты аразынмæ бавнæлдтой. Ног хидтæ, ног фæндæгтæ, ног бæстыхæйттæ. Алы ран дæр арæзтадон куыстытæ сæ тæмæны сты. Нысангонд æмгъуыдмæ хъуамæ куыстытæ иууылдæр фæуой. Куы акæсай, уæд кусджытæ, мæлдзгуытау, змæлынц. Афтæ аразынмæ ныххæррæт кодтой районты дæр. Мах сыл абон æрзылдыстæм. Нæ уацхæсджытæ сæхæдæг федтой, республикæйы алы къуымты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый. Уыдонæй сæ иу уыддæн æз мæхæдæг. Бабæрæг кодтон Алагиры районы цы ног фæндаджы хай аразынц, уый. Цæугæдоны сæрты кæй хизы, уый тыххæй ма дзы аразынц ног хид дæр. Проектмæ гæсгæ 1 километр æмæ 500 метры уадздзаджы хæдтулгæтæн цæуæн уыдзæн 4 фæндагыл. Хидæн та йæ дæргъ уыдзæн 200 метры, йæ уæрх та 20 км. Бæлвырддæр - радзурдзынæн. Куыстытæ райдайынц райсомы 7 сахатыл. Боны дæргъы иу фæлтæр иннæйы аивы. 3 мæймæ кусджытæн бирæ бантыст. Цæугæдоны фæндаг раивтой æмæ зæхх сæмраст кодтой. Ныртæккæ аразынц хидæн бындур. Æппæт арæзтадон куыстытæ дæр цæуынц Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндагыл 33-æгæм километры. Бежаты Тамерлан у Хуссар амайæн компанийы ацы фæзуаты разамонæг. Куыд зæгъы, афтæмæй 2021-æм азмæ нырма бирæ куыстытæ ис. Фылдæр уал баст сты зæххимæ, цæмæй дзы куыстыты рæстæг хъыгдард мацы ’рцæуа: . нæдæр газуадзæн хæтæлтæ, нæдæр элетрон тыхы системæтæ. Бежаты Тамерлан, Хуссар амайæн компанийы (фæзуаты) разамонæг: «Ацы азы кæронмæ, мæнмæ гæсгæ, зæххимæ баст куыстытæ хъуамæ кæронмæ фæуæм. Алы бон объекты кусы 100 адæймагмæ ’ввахс. Кусынц æвæлладæй. Проектмæ гæсгæ 1 километр æмæ 500 метры уадздзæджы хæдтулгæтæн цæуæн уыдзæн 4 хайы». Хидæн йæ дæргъ уыдзæн 200 метры, йæ уæрх та 20 метры. Æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнынæн, 4 километры дæргъы сæвæрдзысты бырутæ. Сифтонг кæндзысты рухсдæттæн системæ. Алагирмæ хæстæг сараздзысты 2 æрлæууæн бынаты. Фæндагмæ хæстæг чи цæры, уыдоны цæмæй хæдтулгæты хъæр ма хъыгдара, уый тыххæй сæвæрдзысты сæрмагонд быру. Стæй сараздзысты къахвæндæгтæ. Хидæн, фыццаджыдæр, сæйрагдæр сты йæ цæджындзтæ, афтæ зæгъы Бежаты Тамерлан. Уый тыххæй ам кусынц нысангонд транспорт æмæ кусæнгæрзтæй. Бежаты Тамерлан, Хуссар амайæн компанийы (фæзуаты) разамонæг: «Хиды дзыхъхъæн йæ диаметр у 1 метр æмæ 70 сантиметры. Уый гыццыл нæу. Кусынц ыл сæрмагонд транспортæй. Куыстыты æмбис фæуыдзыстæм зымæгмæ ввахс». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры районы ног фæндаджы хай аразынц
Категория:
Новости и СМИ