Афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстоны уæййаг кæсаг рауагътой 5 мин тоннæйы
Кæсагдарыны фермæйы бон райдайы уыцы иу фæткмæ гæсгæ. Фыццаджыдæр сбæрæг кæнын - дон туаггуырæй æххæс у æви нæ, уый. Хъуамæ хæццæ кæна 100%-мæ. Уый тыххæй бассейнты лæууы сæрмагонд прибортæ. Уымæй уæлдай ма хъулонгæсаг быхсы доны уыцы иу температурæйæн. 17 градусы онг хъармæн æмæ 9 градусы онг уазалæн. Æмæ, æнæмæнг, хæрзхъæд холлаг. Æрæджы йæ æлхæнын райдыдтой бынæттон куыстуаты. Хæрианг æххæст у хъæугæ белоктæ, сой, углеводтæ æмæ витаминтæй. Бассейнтæм дон хæццæ кæны суадæттæй. Фермæйы æдæппæтæй сты 30. Фæнд ма кæнынц ноджы 12 сæвæрын. Иуы дзы цæуы 10 тоннæйы кæсаг. Мæй иу хатт донæй сисынц иртæстытæ. Сбæрæг дзы кæнынц химион æмæ зианхæссæг буаргъæдты нымæц. 10 боны иу хатт та кæсаг сæрмагонд мадзæлтты руаджы хъахъхъæнынц бактеритæй. Кæсаджы лæппынты уæз вæййы 300-йæ 500 граммы онг. 6-7 мæймæ сæ уæзыл бафты æмæ свæййынц 3 килæйы. Хæрзмыггаг у бынæттон, фæлæ ласгæ дæр æрбакæнынц. Валеркæсагæй уæлдай ма фермæйы фæнд кæнынц ивидгæфтæ??? дæр парахат кæнын. Хæстæгдæр рæстаг та ма куыстуаты фæзындзæн лæппынгæсаджы инкубацион цех. Ифтонг æй кæндзысты сыгъдæг донæй. Уый тыххæй скъахдзысты цъай. Дон хъæздыг кæндзысты туаггуырæй. Еугæф сæрмагонд гарзы руаджы хъомыл кæндзысты иу граммы уæзы онг. Уый фæстæ лæппынгæсæгтæ дардзысты гом арвы бын, фæлæ хурмæ нæ. Уый сын пайда нæу. Афæдзы райдианæй Цæгат Ирыстоны рауагътой 5 мин тоннæйы уæййаг кæсаг. Уый ивгъуыд азимæ абаргæйæ у 1, 5 хатты фылдæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы æрдз æмæ климæт тынг хорз сты ацы куыст кæнынмæ. Кæсагдарыны куыст кæд æнцон нæу, уæддæр республикæйы æрвылаз йæ хъомыс рæзы. Ныртæккæ дæр мидæггаг базарады продукци бынæттон у, уымæй уæлай ма йæ ласынц иннæ регионтæм дæр.