Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты фыссæг æмæ драматург Мугъуты Хадзымураты рухс ном
Дзæуджыхъæуы ацыд Мугъуты Хадзымураты мысæн изæр. Поэт, фыссæг райгуырд Черноярская станицæйы. Архайдта Фыдыбæстйы Стыр, Граждайнаг æмæ Фыццаг дунеон хæстты. Стыр æвæрæн бахаста Цæгат Ирыстоны культурæйы рæзтмæ. Роман «Буйный Терек» хъуыстгонд у фæсарæнты дæр. Йæ бындурыл ист æрцыд киноныв. Йæ публицистон куыстытæ тæлмац кодтой болгайраг, венгриаг, немыцаг, словакаг æмæ чехаг æвзæгтæм. Æмбырды архайджытæ дзырдтой драматургы сфæлдыстад æмæ йæ биографийы ахсджиаг цаутыл.