Сæйрагдæр - адæймаджы цард
Æфсæддон дохтыртæ уæлдай хæс æвæрд вæййы алкæддæр. Æпынæдзух сæхиуыл фæкусынц. Ныртæккæ цæгатирыстойнаг дохтырты къорд сæхи цæттæ кæнынц æппæтуæрæсеон ахуырты къæпхæнмæ. Уым равдисдзысты сæ фæлтæрддзинад. Æфсæддон дохтыртæн алы минут дæр нымад у. Тохы иу уысм дæр царды аккаг иу. Уымæ гæсгæ специалисттæ хъуамæ иттæг хорз цæттæ уой. Ерыстæ арæзт сты цалдæр къæпхæнæй. Гранат æхсынæй, саст хидыл ацæуын. Сæйрагдæр та- чи фæцæф уый тохы бынатæй рахонын. Медицинон службæйы дæлбулкъон Багаты Олег куыд зæгъы афтæмæй командæйы архайджытæ иууылдæр тынг фæлтæрджын сты. Ныфс мæ ис кæй фæуæлахиз уыдзыстæм уымæй. Багаты Олег, медицинон службæйы дæлбулкъон: «Нæ командæимæ стыр ныфсытæ бæттæм. Уымæн æмæ сын хуссар зылды æфсæддон округ тынг æххуыс кæнынц. Бæлвырддæр 19 мотострелковый бригадæ сæ сæргъы дæлбулкъон Визурский афтæмæй». Июны мæй ерысты архайдзысты 5 командæйы нæ бæстæйы алы къуымтæй. Уæлахиздзаутæ араст уыдзысты æппæтдунеон къæпхæнмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæйрагдæр - адæймаджы цард
Категория:
Новости и СМИ