Культурæйы ног артдзæст
Иу ног культурæйы артдзæст ма. Ацы хатт Уæллаг Фыййагдоны цæрджытæн. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ абон æрбацыдысты республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, культурæйы министр Милдзыхты Руслан, районы æмæ поселочы разамынд. Фæлæ сæйраг архайджытæ уыдысты Фыййагдоны цæрджытæ. Хъæуы культурæйы хæдзар сарæзтой 50 азы размæ. Фæлæ уæдæй абоны онг бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Йæ фадæттæ куыд амыдтой, афтæ куыста. Фæлæ сывæллæттæ цы уавæрты архайдтой, уыдон арæх тæссаг уыдысты. Объект бахастой федералон программæмæ æмæ йæ ацы аз сцалцæг кодтой. Баивтой бæстыхайы сæр, бакодтой мидæггаг куыстытæ. Ныр чиныгдоны дæр æмбæлгæ уавæртæ ис. Культурæйы хæдзары бахизæны та тагъд фæзындзæн сфæлдыстадон къордты æнтыстдзинæдтæ æвдисæг стенд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Культурæйы ног артдзæст
Категория:
Новости и СМИ