«Эльбрусское кольцо-2019»,зæгъгæ ерыстæ цæуынц Кæсæг-Балхъары
«Эльбрусское кольцо-2019». Ахæм æппæтадæмон ерыстæ цæуынц Кæсæг-Балхъары. Сарæзтой сæ Æфсæддон хъæзтыт «Арми-2019»-ы фæлгæты. Архайджытæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой Европæйы æппæты бæрзонддæр хох - Эльбрусы цъуппмæ схизынæй. Эльбрусы хох у фондз мины æмæ æхсæз сæдæ цыппор дыууæ метры. Кæронбæттæн хъазты Европæйы бæрзонддæр хохмæ фыццаг схызт Узбекистаны командæ. Бахъуыд сæ 4 сахат æмæ 25 минуты. Схызтысты лагерь Приютмæ. Йæ бæрзæнд у 4 мин æмæ 130 метры. Сæ фæстæ фæуæлахиз Казахстаны командæ. Æртыккæгтæ схызтысты Индийы æфсадгæнджытæ. Цыппæрæм та хохы цъуппæ схызтысты Уæрæсейы командæ. ерыстæ Æдæппæттæй дзы архайынц 60 адæймагæй фылдæр. Се хсæн Мороккойы минивæрттæ дæр. Ахæм ерысты хуыз ныридæгæн цæуы 4-æм хатт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Эльбрусское кольцо-2019»,зæгъгæ ерыстæ цæуынц Кæсæг-Балхъары
Категория:
Новости и СМИ